филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:40 пятница, 17 мая 2024
13 июля 2023, 11:57
Трамвайты техникон лæггæдты пункт рацараздзысты ногæй

Бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ нæ цыдысты 60 азы бæрц

Трамвайты техникон лæггæдты пункт рацараздзысты ногæй. Бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ нæ цыдысты 60 азы бæрц. Ныр ын баивтой йæ сæр, цалцæг кæнынц агъуыстытæ, базылдысты дзы хи найæнтæм æмæ фæлладуадзæн агъуыстытæм. Кусджытæ ацы ивддзинæдтæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Фæллой кæнынц райсомæй изæрмæ, фæлæ сын дзы уавæртæ та, куыд æмбæлы, афтæ нæ уыди. Мастер Бирæгъты Аланы ныхæстæм гæсгæ, йæ бæрны ис 35 адæймаджы. Лыстæг цалцæггæнæн куыстытæ кæнынц вагæттæн. Ног трамвайтæ сласынц ардæм, ам сæ райхалынц, æмæ сын скæнынц техникон æркаст. Трамвайты лæггæдты пункты территоримæ дæр бирæ азтæм базылдысты фыццаг хатт. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Дзæуджыхъæумæ сластой 27 ног трамвайы. Хæстæгдæр бонты схæццæ уыдзæн фæстаг, 28-æм дæр.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania