Мадзал баст уыд номдзыд филолог, аивадиртасæг æмæ этнограф, Цæгат Ирыстоны наукæйы сгуыхт архайæг Леонид Семеновы райгуырды 140 азимæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы уыд æппæтуæрæсеон наукон конференци «Семеновы кæстытæ». Мадзал баст уыд номдзыд филолог, аивадиртасæг æмæ этнограф, Цæгат Ирыстоны наукæйы сгуыхт архайæг Леонид Семеновы райгуырды 140 азимæ. Ахуыргонд бирæ азты куыста университеты. Стыр æвæрæн бахаста уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæмæ, стæй Цæгат Кавказы адæмты культурон бынтæ ахуыр кæнынмæ. Конференцийы уыдысты Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй иртасджытæ. Онлайн хуызы архайдтой Венгрийæ, Японийæ æмæ Китайæ ахуыргæндтæ дæр. Ныхас цыд Леонид Семеновы наукон куыстытыл, йæ биографийыл æмæ бæстæйы филологийы райрæзтмæ цы æвæрæн бахаста, ууыл. Программæйы хицæн хай баст уыд, ахуыргонды цардæй парахатæй зындгонд цы цаутæ нæ уыдысты, уыдонимæ æмæ архивон æрмæджытимæ.




