филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:15 вторник, 03 ноября 2026
12 марта 2020, 12:56
Цæгат Ирыстон æмæ «Газпромом»-ы хсæн ныр ис фидар ахастдзинæдтæ

Хицауады æмвæзадыл фарстатæ æнцондæрæй, стæй рæвдзæд ис алыг кæнын

Цæгат Ирыстон æмæ «Газпромом»-ы хсæн ныр ис фидар ахастдзинæдтæ. Хицауады æмвæзадыл фарстатæ æнцондæрæй, стæй рæвдзæд ис алыг кæнын. Уый хорзырдæм бæрæг дардзæн нæ республикæйы социалон-экономикон райрæзтыл, загъд уыд сæрмагонд æмбырды. Архайдта дзы республикæйы сæргъæлууæг Битарты Вячеслав, нæ республикæйы хицауады уæнгтæ æмæ «Газпром»-ы разамынд.

Битарты Вячеслав сын рарафæ кодта, цыбыр рæстæгмæ нæ республикæйы хохаг хъæутæм æрдзон хорзæх уагъд кæй æрцыд, уый фæдыл. Фиддонты фарстайыл дзургæйæ та фæнысан кодта, ныртæккæ активонæй куыст кæй цæуы, цæмæй  хæстæ къаддæр кæной. Фарстайыл дзырд цæуы кусæг къордты æмбырдты дæр. Хæрзæрæджы фидаргонд æрцыдысты сæрмагонд мадзæлттæ.

Владимр Марков бафиппайдта, сæхæдæг дæр кæй æнкъарынц нæ  республикæйы  разамынды архайд ацы фарстайы. Стæй ма загъта — дарддæр дæр кæй архайдзысты республикæйы æппæт хъæутæм цъæх арт бауадзыныл. 2021-æм 2025-æм азтæм сарæзтой сæрмагонд программæ. Уырдæм бахæсдзысты Битарты Вячеславы курдиæттæ. Уыдон æнæмæнг ахъаз уыдзысты хуымæтæг адæмæн.

«Газпром межрегионгаз»-ы генералон директор  Сергей Густов куыд загъта, афтæмæй хъæуы снысан кæнын сæрмагонд мадзæлттæ, фиддонты уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй. Уыимæ куыстуаты минæвæрттæ фæбæрæг кодтой, афтæмæй ныридæгæн дæр фиддонты бæрц фæфылдæр. Стæй ма хæстæгдæр рæстæг специалистты иумæйаг архайды фæрцы хъуамæ фæхуыздæр уа организацион-техникон куыст дæр.  Уый у æнæмæнг хъæугæ домæн, цæмæй хъахъхъæд цæуой æдасдзинады домæнтæ æмæ энергон ресурсы хæрзхъæддзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania