филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:59 вторник, 03 ноября 2026
30 июня 2026, 10:35
Цæгат Ирыстон архайдта лæвар юридикон æххуыс кæныны æппæтуæрæсеон боны

«Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы уыд адæмимæ фембæлд

Цæгат Ирыстон архайдта лæвар юридикон æххуыс кæныны æппæтуæрæсеон боны. «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы уыд адæмимæ фембæлд. Консультацитæ сын кодтой горæты администрацийы юристтæ æмæ специалисттæ. Адæм æрбацыдысты алыхуызон лыггæнинаг фарстатимæ. Сæ хыгъды – фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны, æнæзакъон арæзтадты, алименттæ фидыны фарстатæ æмæ æндæртæ. Фембæлды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ахæм мадзæлттæ æдзух фæаразынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania