филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:10 среда, 01 мая 2024
08 февраля 2023, 11:10
Цæгат Ирыстон бацархайдта æппæтуæрæсеон рухстауæн акци «Ученые в школы»-йы

Наукæйы боны фæдыл ЦИПУ-йы аивæдты факультеты декан Атайты Мæдинæ бабæрæг кодта математикон лицей

Цæгат Ирыстон бацархайдта æппæтуæрæсеон рухстауæн акци «Ученые в школы»-йы. Наукæйы боны фæдыл ЦИПУ-йы аивæдты факультеты декан Атайты Мæдинæ бабæрæг кодта математикон лицей. Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг хистæр кълæсты ахуырдзаутæн радзырдта ирыстойнаг нывгæнæг, Репины ахуырдзау Тугъанты Махарбеджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Ирыстоны нывкæнынадмæ цы вæрæн бахаста, уымæн аккаг аргъ скæнын зын у. Тугъанты Махарбег ма уыд публицист, литератор æмæ рухстауæг – зæгъы Атайты Мæдинæ. Скъоладзаутимæ ахæм фембæлдтытæ арæх вæййынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania