04 сентября 2019, 17:20
Цæгат Ирыстон йе вæрæн бахæсдзæн хъæдтæ сног кæныны æппæтуæрæсейон кампанимæ
Ноябры кæронмæ æппæт бæстæйы фæнд кæнынц 30 милуан талайы ныссадзын.
Цæгат Ирыстон йе вæрæн бахæсдзæн хъæдтæ сног кæныны æппæтуæрæсейон кампанимæ.
Ноябры кæронмæ æппæт бæстæйы фæнд кæнынц 30 милуан талайы ныссадзын. Ацы хъуыддагæн нæ республикæйы фæзуаттæ радих кодтой Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты. Акци ацæудзæн октябры. Активистты архайды фæрцы, 7 азмæ бæстæйы хъæдтæ фестырдæр сты 405 милуан бæласæй.