02 февраля 2022, 13:14
Цæгат Ирыстон райсдзæн 120 милуан сомы ног спортивон залтæ æмæ фæзтæ саразынæн
Фæрæзтæ радих кæндзысты федералон бюджетæй
Цæгат Ирыстон райсдзæн 120 милуан сомы ног спортивон залтæ æмæ фæзтæ саразынæн. Фæрæзтæ радих кæндзысты федералон бюджетæй. Уый тыххæй сæрмагонд уагæвæрд бафыста Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин. Федералон проект царды рауадзынæн субсидитæ лæвæрд цæуынц 3 азæн. Ног бæстыхæйттæ арæзт цæудзысты нырыккон домæнтæ хынцæгæйæ. Спортæй архайынæй дарддæр дзы уыдзæн интернетмæ рацæуæн дæр. Уый фæрцы алкæмæн дæр фадат уыдзæн хицæн программæмæ гæсгæ архайынæн. Проекты сæйраг нысан у – адæмы ргом спортмæ здахын æмæ æнæниз цардыуаг парахат кæнын.
темæмæ гæсгæ