филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:19 суббота, 04 мая 2024
07 июля 2022, 11:44
Цæгат Ирыстон райста грант федералон бюджетæй, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм проекттæ æххæст кæнынæн

Ацы хъуыддаг къухы бафтыд, 2021-æм азы хицауадон оргæнты ахадгæ архайды фæрцы

Цæгат Ирыстон райста грант федералон бюджетæй, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм проекттæ æххæст кæнынæн. Ацы хъуыддаг къухы бафтыд, 2021-æм азы хицауадон оргæнты ахадгæ архайды фæрцы. Ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Уый фехъусын кодта, грант, фаронимæ абаргæйæ, зынгæ фылдæр кæй у. Йæ бæрц – 355 милуан сомы онг. Ныртæккæ сæйраг хæс у – фæрæзтæй ахадгæйæ спайда кæнын. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ, сбæрæг сты, дихгонд фæрæзтæ цавæр ахсджиаг къабæзтыл хардзгонд æрцæудзысты, уыдон. Гранты хайæ спайда кæндзысты социалон нысантæн, сæрмагондæй та, æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы æфсæддонтæн æмæ сæ бинонтæн æххуысæн. Фæрæзтæ ма æрвыст æрцæудзысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады, физкультурæйы æмæ спорты райрæзты фарстатæ лыг кæнынæн, стæй культурæйы объекттæм базилынæн, социалон æмæ фæндаггон инфраструктурæ аразынæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania