Æрхъуыды йæ кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн
Цæгат Ирыстон сси, федералон проект «СВОй бизнес» царды кæм рауагътой, уыцы 4 фæлварæн регионæй иу. Æрхъуыды йæ кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн. Ахуыр сæ кæндзысты хи бизнес аразыныл. Уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта йæ телеграм-каналы. «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон штабы фæзы арæзт æрцæудзысты ахуырадон модультæ. Ахуырадон программæйы æппæт бæстæйы афæдзмæ сæ бон хи бафæлварын уыдзæни 500 адæймагæй фылдæрæн. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй республикæйы ахуырты архайджытæ ацæудзысты амалхъомдзинады сæрмагонд курсытæ, базондзысты хи бизнесæн финансон гæнæнтæ, стæй бабæрæг кæндзысты республикæйы раззагдæр куыстуæттæ.




