филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:41 пятница, 03 мая 2024
15 сентября 2022, 10:42
Цæгат Ирыстон сси Уæрæсейы 16 субъектæй фыццаг скъолаты хойраджы системæйы æмвæзад уæлдæр кæныны фарстайы

Ныййарджыты хсæн æрфарст сарæзта хойраджы къабазы  Мæскуыйаг институт

Цæгат Ирыстон сси Уæрæсейы 16 субъектæй фыццаг скъолаты хойраджы системæйы æмвæзад уæлдæр кæныны фарстайы. Ныййарджыты хсæн æрфарст сарæзта хойраджы къабазы  Мæскуыйаг институт. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хъуыддагмæ æдзух йæ цæст дары республикæйы сæргълæууæг. Ахсджиаг у, цæмæй сывæллæттæн уа хæрзад æмæ пайдайаг, ныййарджытæн та хъуамæ сæ зæрдæ ма хсайа, сæ сабитæ цы хæрынц, уымæ. Ахуыргæнæндæтты хойраджы хæрзхъæддзинад федта æмæ йын аргъ скодта не сфæлдыстадон къорд дæр.

Кочиты Лианæ сывæллæттæн хæринаг цæттæ кæны ныр 10 азæй фылдæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын сæйрагдæр у, сывæллæтты райдзаст цæстæнгас, цæмæй разы уой цы хойраг хæрынц, уымæй. Уымæн та йын æххуыс сты нырыккон кусæнгæрзтæ дæр.

Скъолаты хæрæндæтты сæйраг эксперттæ кæй зæгъын æй хъæуы, сты сывæллæттæ сæхæдæг. Се ппæтæн дæр сæ домæнтæ сты алыхуызон, фæлæ сæ алчидæр йæхицæн равзæрста фылдæр цы хæринаг уарзы, уый.

Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы 28-æм скъолайы ахуыр кæнынц 11-æм скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Сæхи скъолайы цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ кæд ахуырдзаутæ фылдæр сты, уæд хæрæндоны куыст дæр у фылдæр. Ам хæринаг æрмæст афоныл сцæттæ кæныныл нæ архайынц, фæлæ йын сæйрагдæр кæсынц йæ хæрзхъæддзинадмæ.

Хæринаггæнджытæн æххуыс кæны скъолаты хойраджы комбинат дæр. Ныртæккæ бирæ ахуыргæнæндæтты дыккаг фæлтæрæй кæй ахуыр кæнынц, уымæ гæсгæ, комбинаты куыст дæр фæфылдæр. Фæлæ, инженер-технолог Марина Петрейкина куыд зæгъы, афтæмæй сæ архайд нæ къуылымпы кæны.

Цæгат Ирыстон сси Уæрæсейы 16 субъектæй фыццаг скъолаты хойраджы системæйы æмвæзад уæлдæр кæныны фарстайы. Ныййарджыты хсæн æрфарст сарæзта хойраджы къабазы  Мæскуыйаг институт. Скъолаты хойраджы хæрзхъæддзинады æмвæзад фæхуыздæр кæнын республикæйы разамындæн уыди йæ фыццаградон хæстæй иу.

Ацы рæстæг бындурон цалцæг цы скъолаты цæуы, уыдоны хæрæндæтты сæвæрдзысты ног кусæнгæрзтæ дæр. Сывæллæтты хæрдæн аккаг уавæртæ аразын республикæйы раздæрау у сæйраг хъуыддæгтæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania