филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:57 суббота, 04 мая 2024
31 января 2023, 11:56
Цæгат Ирыстонмæ Хъæрæсе-Черкесийæ сластой 6 зубры

Цæрæгойтæ фæхъæздыгдæр кодтой Турмоны фæдæзхст бынат

Цæгат Ирыстонмæ Хъæрæсе-Черкесийæ сластой 6 зубры, уый тыххæй хъусын кæны республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад. Цæрæгойтæ фæхъæздыгдæр кодтой Турмоны фæдæзхст бынат. У æппæтæй æрыгондæрыл нымад. Хъæддаг æрдзы æппæтдунеон фонд йæ арæзтадыл кусы ныр 8 азы, ацы хъуыддагмæ се вæрæн бахастой Цæгат Ирыстоны экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад æмæ куыстуат «Беркут» дæр. Сарæзтой дзы, цæрæгойтæ карантины кæм дарынц, ахæм сæрмагонд вольер. 2018-æм æмæ 2020-æм азты Окскы фæдзæхст бынатæй сластой 18 цæрæгойы. Зубртæ цыбыр рæстæгмæ фæцахуыр сты ацы бынæттыл, радтой ног фæлтæр дæр.  Хæстæгдæр мæй 6 ног хъæддаг галы уыдзысты, карантин сын кæм уыдзæн, уыцы вольеры. Территори сын æрæхгæдтой 5 гектары бæрц. Уый фæстæ цæрæгойты рауаддзысты æрдзмæ. Профилон министрады зæгъынц, Турмоны фæдзæхст бынатмæ хæстæгдæр рæстæг ноджыдæр кæй фæхъæздыгдæр уыдзæни, уый. Фæлæ ацы хатт цæрæгойты æрбаласдзысты Цъæйы æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæдзæхст бынæттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania