Уыцы нысантæн федералон æмæ регионалон бюджеттæй радих кæндзысты 28 милуан сомы
Цæгат Ирыстоны 2022-æм азы бындурон цалцæг скæндзысты авд спортивон залы. Уыцы нысантæн федералон æмæ регионалон бюджеттæй радих кæндзысты 28 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ уал ныридæгæн сбæрæг кодтой, цалцæггæнæн куыстытæ кæм ацæудзысты, уыцы ахуыргæнæндæттæ. Уыдон сты Сындзыхъæу, Сечер, Черменыхъæу, Ставд-Дуртæ, Хæтæлдон, Змейкæ æмæ Тельмæны поселочы скъолаты спортзалтæ. Цалцæггæнæн куыстытæй уæлдай балхæндзысты спортивон ифтонгарз дæр. Ног рацарæзт спортзалты æнæниз цардыуагмæ æмхиц кæндзысты куыд скъоладзаутæ, афтæ бынæттон цæрджытæ дæр. Куыстытæ ацæудзысты национ проект «Ахуырады» фæрцы. Ныртæккæ нæ республикæйы скъолаты кусынц 45 спортивон клубы. 2024-æм азмæ та ахæм клубтæ байгом уыдзысты алы скъолайы дæр.