филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:03 суббота, 18 мая 2024
02 июня 2023, 11:49
Цæгат Ирыстоны адæмон артист Бытъæты Роберты мысæн изæр арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы

Бытъæты Робертæн аивад сси йæ хъысмæт æмæ æгæрон уарзондзинад

Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт, стæй Цæгат Ирыстоны адæмон артист Бытъæты Роберты мысæн изæр арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Бытъæты Робертæн аивад сси йæ хъысмæт æмæ æгæрон уарзондзинад. Уыцы хъуыдыйыл хæст уыдысты се ппæт дæр. Уæлдайдæр та ацы изæр Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театрмæ чи рбацыд, уыцы адæм. Уыдон та уыдысты Робертæн йæ хæстæджытæ, зонгæтæ, æмкусджытæ, æмбæлттæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ курдиатæн аргъгæнджытæ. Бытъæты Роберт йæ алы ролы дæр арæзта, баууæндæн кæуыл ис, ахæм хъайтар. Уыимæ куыд театралон сценæйы, афтæ кинойы дæр. Фæстаг азты ма йе сфæлдыстадон къæбиц фæхъæздыгдæр ахæм аивадон кинонывтæй, куыд: «Выжить нельзя погибнуть», «11 писем к Богу», «Ласточки прилетели». Уæвгæ, Роберт ирд фæд ныууагъта режиссеры дæсныйады дæр. Спектакльтæ сæвæрдта Ирон академион æмæ Дыгурон драмон театрты. Тæлмац кодта пьесæтæ, фыста зарджытæ сæрмагондæй постановкæтæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Бытъæты Роберт кæй уыд не мкусæг дæр. Бирæ рæстæг куыста паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы амонæгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania