Республикæйы сæргълæууæг архайдта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушевы видеоконференцийы
Цæгат Ирыстоны æххæстгонд æрцæудзæни хъæуты территориты райрæзты комплексон программæ. Республикæйы сæргълæууæг архайдта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушевы видеоконференцийы. Сæйраг темæ уыди 2025-æм азмæ хæуты территориты райрæзты паддзахадон программæ. Цæгат Ирыстон Уæрæсейы профилон министрадæй исы национ æмæ паддзахадон проекттæ æххæст кæнынæн хъæугæ æххуыс. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы программæ царды рауадзынæн дихгонд æрцыди 750 милуан сомы. Фæрæзты 67% æххæстгонд æрцыдысты. Бæрæггæнæнтæ уыдаиккой уæлдæр, фæлæ къуылымпыдзинæдтæ уыди Ногиры дондзæуæн системæйы рацарæзтимæ. Ныртæккæ подрядон организаци куыстытæ фæтагъддæр кодта. Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй паддзахадон программæйы æппæт мадзæлттæм йæхæдæг дары цæст.