филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:00 вторник, 03 ноября 2026
22 августа 2026, 14:27
Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы егъау федералон проект «Информ-УИК»

Уый у адресон хъусынгæнинаг цæрджытæн Паддзахадон Думæмæ фидæны *взæрстыты тыххæй. 20-æм августæй 15-æм сентябрмæ æвзарæн къамисты уæнгтæ бацæудзысты алы хæдзармæ дæр, дзурдзысты хъæлæс кæныны тыххæй, дзуæппытæ дæтдзысты адæмы фæрстытæн

Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы егъау федералон проект «Информ-УИК». Уый у адресон хъусынгæнинаг цæрджытæн Паддзахадон Думæмæ фидæны *взæрстыты тыххæй. 20-æм августæй 15-æм сентябрмæ æвзарæн къамисты уæнгтæ бацæудзысты алы хæдзармæ дæр, дзурдзысты хъæлæс кæныны тыххæй, дзуæппытæ дæтдзысты адæмы фæрстытæн. Уыцы куыст райдыдтой республикæйы дæрддзæф районтæй. Бæстондæр хабæрттæ Чехойты Фатимæйы æрмæджы.

Ацы хæдзæртты æвзæрстыты тыххæй телеуынынадæй æмæ интернетæй нæ базонынц. æвзарæн къамисты уæнгтæ сæхæдæг æрбацæуынц цæрджытæм. Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы федералон проект «Информ УИК». Йæ сæйраг мидис — æвзарджытимæ фембæлын æмæ семæ аныхас кæнын. Къамисты кусджытæ дзурынц Паддзахадон Думæйы 9-æм æмбырды депутатты *взæрстыты тыххæй, дзуæппытæ дæттынц адæмы фæрстытæн. æвзæрстытæм чи *нхъæлмæ кæсы, уыдонæй иу Уыналы цæрæг Мæргъиты Тамерлан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадон цардæй йæхи никуы аиуварс кæны.

æвзарæн къамисты кусджытæ бæлвырд кæнынц хъæлæсгæнджыты, ивддзинæдтæ бахæссынц номхыгъдмæ. Афтæмæй ноггонд цæуынц электрон реестртæ. Бæрнон кусджыты маршрут цæуы Уæллаг Зджыдыл дæр — республикæйы æппæты бæрзонддæр хъæуыл. Цæрынц дзы 125 æвзарæджы, фæлæ къамисы уæнг Чихтисты Роксанæ куыд фæбæлвырд кодта, афтæмæй цæрджыты чысыл нымæц дæр домы стыр бæрнондзинад.

Куыст æххæстгонд цæуы æрæфы районы дæр. Ам хъæуты хай ис хæхты, уым мобилон бастдзинад кусы къуылымпытимæ, интернет дæр дзы арæх нæ вæййы. Уымæ гæсгæ адæмимæ комкоммæ фембæлын у ахсджиаг хъуыддаг. Цæрджытæн дзурынц æвзæрстытæ кæд цæудзысты, къамистæ кæм æрбынат кодтой, цавæр уыдзæн сæ куысты рæстæг, стæй хъæлæс кæныны хуызтыл. Цæгат Ирыстоны æвзæрстыты рæстæг алы адæймагæн дæр дæтдзысты дыгай бюллетены. Фембæлдты кæрон къамисты кусджытæ цæрджытæн ныууадзынц информацион буклеттæ хъæугæ хъусынгæнинæгтимæ.

Къамисы минæвæртты базонæн ис сæрмагонд экипировкæйæ, бæрæг ыл дарынц проекты нысантæ. Алкæмæ дæр сæ ис æвдисæндар æмæ йæ номимæ бейдж. Дзинагайы цæрæг Хамыхъоты Азнауырæн къамисы кусджыты æрбацыд уыдис æнæнхъæлæджы цау. Ам, бæрзонд хæхты фембæлдтытæ арæзт цæуынц сæрмагондæй алы *взарæгимæ дæр.

Цæрджытæн ахæм фембæлдтытæ сты хорз фадат хъæуы цардимæ баст фæрстытæ раттынæн дæр. Ивгъуыд æвзæрстыты рæстæг адæм дзырдтой фæндæгты уавæрыл æмæ социалон объектты куысты тыххæй. Уыцы курдиæтты хыгъд лæвæрд цыдис профилон ведомствæтæм. Проект «ИнформУИК»-ы фæлгæты цæрджытимæ фембæлдтытæ ахæсдзысты 15-æм сентябрмæ. æвзæрстытæ цæудзысты 18-æм сентябрæй 20-мæ. Цæгат Ирыстоны кусдзæн 328 æвзарæн къамисы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania