28 января 2021, 11:35
Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы егъау проект «Алайнаг библиотекæ»
Баст у Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонимæ
Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы егъау проект «Алайнаг библиотекæ». Баст у Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонимæ. Проект царды уадзы рауагъдад «Ир». Йæ фыццаг къæпхæн æххæст кæнгæйæ, мыхуыры рацыд журнал «Чырыстон царды» репринт. Дины æмæ рухсатуæн рауагъдад мыхуыры цыди 1911-æм -1916-æм азы онг. Ныртæккæ та журналы номыртæ баиу кодтой иу æмбырдгондмæ. Бакуыстой йыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ахуыргæндтæ стæй историк Феликс Киреев.
темæмæ гæсгæ