филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:35 среда, 01 мая 2024
16 января 2024, 11:28
Цæгат Ирыстоны æхснырсæгæй рынчын адæмы нымæц сырæзт куыд сывæллæтты, афтæ хистæр кары адæмы хсæн дæр

Республикæйы эпидемиологон уавæрыл æрдзырдтой аппаратон æмбырды

Цæгат Ирыстоны æхснырсæгæй рынчын адæмы нымæц сырæзт куыд сывæллæтты, афтæ хистæр кары адæмы хсæн дæр. Республикæйы эпидемиологон уавæрыл æрдзырдтой аппаратон æмбырды. Фæлхасадмæ цæстдарды управлени куыд фехъусын кодта, афтæмæй фылдæр рынчын кæнынц сывæллæттæ. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ та, республикæйы сæхгæдтой 4 рæвдауæндоны æмæ иу скъола. Сергей Меняйло бæрнон кусджытæн бахæс кодта, цæмæй æркæсой дистанцион ахуыры хуызмæ рахизыны фарстамæ.

Уымæй уæлдай ма Сергей Меняйло исбоны министрадæн æмæ прокуратурæйæн бабар кодта æркæсын, кæмæн æмæ цавæр уавæрты лæвæрд æрцыдысты республикæйы зæххытæ, æмæ сыл арæзтадон куыстытæ кæныны бар. Ам ныхас цæуы Дзæуджыхъæуы Дендрарийы районыл, Дыгургомыл æмæ Фыййагдоныл. Сæргълæууæг бахæс кодта хæстæгдæр рæстæг фарстатæ алыг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania