филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:07 пятница, 03 мая 2024
19 марта 2024, 11:55
Цæгат Ирыстоны æхснырсæгæй рынчынты нымæц эпидемиологон æмвæзадæй фæныллæгдæр

Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ рынчынты нымæц иу кары къорды дæр нæ фæфылдæр

Цæгат Ирыстоны æхснырсæгæй рынчынты нымæц эпидемиологон æмвæзадæй фæныллæгдæр. Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ рынчынты нымæц иу кары къорды дæр нæ фæфылдæр. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылты Алан. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы рынчындæтты ацы низимæ  абоны онг ис 17 хистæры æмæ 49 сывæллоны. Ивгъуыд къуыри ма нысангонд æрцыд короновирусæй рынчынты 32 ног цауы. Æмбырды сбæрæг ис, республикæмæ кæй æрбацыд фадынæгæй вакцинæ – 1800 дозæйы. Сергей Меняйло вице-премьер Платы Альбинæйæн бабар кодта райдайын сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ цæттæ кæнын, сæрмагондæй та, сбæлвырд кæнын объектты уавæр. Республикæйы сæргълæууæг ма муниципалон разамонджыты æргом аздæхта уæлмæрдты æмæ хæстон ингæнты уавæрмæ. Бадомдта, цæмæй сæм базилой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania