филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:10 вторник, 03 ноября 2026
27 июля 2022, 10:10
Цæгат Ирыстоны æмæ Æфснайæн банчы хсæн фидаргонд æрцыд мадзæлтты пълан

Уый æххæст кæнгæйæ, ацы азы дыккаг æмбисы царды æххæст кæндзысты æмгуыстады бадзырды фæтк

Цæгат Ирыстоны æмæ Æфснайæн банчы хсæн фидаргонд æрцыд мадзæлтты пълан. Уый æххæст кæнгæйæ, ацы азы дыккаг æмбисы царды æххæст кæндзысты æмгуыстады бадзырды фæтк. Документмæ гæсгæ, Сбер хорзырдæм ахаддзæн республикæ нымæцон хуызмæ раивыны хъуыддаджы. Уый хаудзæн цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадмæ, ахуырадмæ æмæ æхсæндон транспортмæ. Дарддæр куыст цæудзæн æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы. Уæдæ стыр æргом здæхт цæудзæн инвестицион проекттæ царды уадзынмæ æмæ адæмы финансон зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ. Æфснайæн банчы цæгатирыстойнаг хайады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæ сæйраг нысан у республикæйы алы цæрæджы уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Регионы разамындимæ иумæ царды рауагътой цалдæр ахсджиаг проекты. Сервис 2ГИС-æй пайда кодтой геоинформацион портал саразыны хъуыддаджы. Республикæйы 11 скъолайы баиу кодтой Æфснайæн банчы скъолаты нымæцон платформæмæ. Робот-оператор «Зæлинæ» пандемияйы рæстæг адæмæн фадат лæвæрдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы ахсджиаг информаци базонынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania