филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 воскресенье, 05 мая 2024
16 января 2024, 11:52
Цæгат Ирыстоны æмæ æнæххæстбарджын æхсæнад «ПроШкола»-йы дарддæры æмгуыстадыл æрныхас кодтой республикæйы хицауады хæдзары

Боны фæткмæ рахастой ахсджиаг фарста – ног скъолатæ аразынæн иумæйаг проекттыл бакусын

Цæгат Ирыстоны æмæ æнæххæстбарджын æхсæнад «ПроШкола»-йы дарддæры æмгуыстадыл æрныхас кодтой республикæйы хицауады хæдзары. Æмбырд амыдта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Архайдтой дзы æхсæнад «ПроШкола»-йы генералон диреткоры хæдивæг Алексей Туликов, социалон объекттæ аразæг федералон куыстуат «РосКапСтрой»-ы департаменты разамонæг Илья Сулягин æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Боны фæткмæ рахастой ахсджиаг фарста – ног скъолатæ аразынæн иумæйаг проекттыл бакусын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2023-æм азы баныхас кодтой, 1100 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола саразыныл. Уыдзæн Дзæуджыхъæуы Владивостокскийы уынджы, микрорайон «Новы город»-ы. Ивгъуыд аз ноябры райстой арæзтадæн бардæттæг гæххæт. Ныридæгæн сцæттæ объекты паспорт. Райдыдтой бынат цæттæ кæнын. Уымæй дарддæр куыст цæуы дыууæ ног скъолайы арæзтадыл дæр. Хъæбæлоты Билары æмæ Магкаты Зурабы уынгты. Алкæцыйы дæр уыдзæн фæйнæ 550 бынаты. Цæгат Ирыстон æмæ паддзахадон корпораци

ВЭБ.РФ активон æмгуыстад кæнын райдыдта, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ææм Уæрæсейы Президент Владимир Путины фембæлды фæстæ. «ПроШкола»-йы делегацийы уæнгтæ бабæрæг кодтой фидæны скъолаты бынæттæ, æмæ аныхас кодтой ахуырады министр Алыбекты Эллæимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania