филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:50 воскресенье, 19 мая 2024
26 мая 2023, 12:49
Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй парахат кæнынц спорты алы хуызтæ, уыдоны хсæн бæрæг дары бокс

Йе ргом æм аздæхтой æрыгон курдиатджын фæсивæд

Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй парахат кæнынц спорты алы хуызтæ. Уыдоны хсæн бæрæг дары бокс. Йе ргом æм аздæхтой æрыгон курдиатджын фæсивæд. Рæстæгæй-рæстæгмæ фæархайынц алыхуызон æппæтуæрæсеон æмæ регионты хсæн турнирты. Равдисынц хорз бæрæггæнæнтæ. Фидæны чемпионтимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Тренеры амындмæ гæсгæ райдайы тренировкæ. Ацы боксерон фæзы тренировкæтæ кæны Милдзыхты Батраз. Фыццаг архайдта дзюдойæ. 2 азы размæ та, 15 азы йыл куы сæххæст, уæд æрбацыд боксмæ. Батраз арæхстджын лæппу кæй у, уый уайтагъд рабæрæг. Æрæджы Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерыстæй ссыд æвзист майданимæ. Цыдысты Тверы облæсты. Хæцыд Европæйы чемпион Исрафил Исламовимæ.

Батразы тренер у Джиоты Хъазыбег. Нæлгоймаг æвзонг спортсментимæ тренировкæ кæны 10 азæй фылдæр. Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерыстæм сæхи цæттæ кодтой Мæскуыйы. Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъомылгæнинаг тынг курдиатджын лæппу у.

Тверы облæсты Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты архайтой бæстæйы 67 регионæй 300 спортсменæй фылдæр. Батраз хæцыд, 92 килограммæй фылдæр категорийы. Схорзæхджын æй кодтой канд æвзист майданæй нæ, фæлæ ма йын радтой спорты мастеры ном дæр. Стæй бацыд Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ. Фидæнмæ Батразмæ ис бирæ нысантæ æмæ фæндтæ. Цæгат Ирыстоны парахат сты хъæбысхæсты хуызтæ. Уыдонимæ бокс дæр. 2019-æм азы Дзæуджыхъæуы ацыд Европæйы чемпионат юниорты хсæн. Уæдæ арæх арæзт æрцæуынц Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ дæр. Бирæ фæсивæд æрбацыдысты ацы спорты хуызмæ не мзæххонты руаджы. Уыдон та сты Дзæгъойты Игорь, Гасситы Мурат, Челæхсаты Георгий æмæ Абайты Алан.

Иннæ мæй нæ республикæйы фæнд кæнынц саразын Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ боксæй юниорты хсæн. Турниры руаджы æвзонг спортсментæ равдисдзысты сæ цæттæдзинад æмæ райсдзысты ног зонындзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania