филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:08 суббота, 04 мая 2024
05 августа 2022, 10:16
Цæгат Ирыстоны æппæт æвзарæн участокты дæр арæзт æрцыдысты æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн сæ бон сæ хъæлæс раттын суа, уый тыххæй

Ууыл ныхас цыд республикæйы Центрон æвзарæн къамисы кусæг къорды радон æмбырды

Цæгат Ирыстоны æппæт æвзарæн участокты дæр арæзт æрцыдысты æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн сæ бон сæ хъæлæс раттын суа, уый тыххæй. Ууыл ныхас цыд республикæйы Центрон æвзарæн къамисы кусæг къорды радон æмбырды. Бацархайдтой дзы инвалидты æхсæнадон организациты регионалон хайæдты минæвæрттæ, стæй адæмы бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг. Пенсион фонды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ республикæйы ис 60 мин инвалид æвзарæгæй фылдæр. Уымæ гæсгæ Центрон æвзарæн къамисы сæйраг хæс у – сæ ппæтæн дæр æмбæлгæ уавæртæ саразын, цæмæй хъæлæс кæныны иумæйаг бон зындзинæдтæ ма ййафой, уый тыххæй. Æвзарæн къамис цалдæр азы æмгуыстад кæны куырмыты æхсæнадимæ. Ныртæккæ дæр æвзæрстыты бонмæ цæттæ кæнынц сæрмагонд трафареттæ. Пайда сæ кæндзысты æрмæстдæр Дзæуджыхъæуы æвзарæн участокты. Куырмыты æхсæнады регионалон хайады сæрдар Бетрозты Ритæ бахаста фæндон, волонтерты инвалид адæмимæ кусыныл сахуыр кæнын. Бæлвырддæр та, цæмæй иуæй-иу участоктæ æххæст уой тæлмацгæнджытæй æмæ зонынгæнæн рæнхъытæй. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы фылдæр фæнды сæ хæдзæртты уæвгæйæ схъæлæс кæнын. Уый тыххæй та хъæуы волонтерты ргом здахын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania