филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:33 понедельник, 06 мая 2024
07 февраля 2024, 11:48
Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады уыд уæрæхгонд коллегийы æмбырд

Архайдтой дзы, ацы къабаз кæй бæрны ис, уыцы вице-премьер Икъаты Русланбег

Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады уыд уæрæхгонд коллегийы æмбырд. Архайдтой дзы, ацы къабаз кæй бæрны ис, уыцы вице-премьер Икъаты Русланбег. Парламенты профилон комитеты сæрдар Кочораты Олег стæй æххæстгæнæн хицаудзинады минæвæрттæ. Профилон министр Бæззаты Вадим радзырдта 2023-æм азы куысты хатдзæгты тыххæй. Стыр æргом аздæхта паддзахадон экологон цæстдарды къабазмæ, æрдзон æвæрæнтæй пайда кæнынмæ, стæй доны æвæрæнтæ хъахъхъæнынмæ. Æппæт ацы хъуыддæгтæ сты национ проектты сæйрагдæр хæйттæ. Зæгъæм, национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ, кæронмæ æрхæццæ сты дзæуджыхъæуккаг полигоны рекультивацийы мадзæлттæ. Уымæй дарддæр базылдысты Алагиры æмæ Æрыдоны æнæзакъон бырондæттæм. Уæдæ дарддæр куыст цæуы хъæды фæзуæттæ сног кæныны фарстайыл. Сæ иумæйаг фæзуат у 146 гектары.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania