филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 четверг, 02 мая 2024
19 октября 2022, 10:42
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд æппæтурæсеон турнир практикон æхстытæй

Хуынд æм æрцыдысты Уæрæсейы алы регионтæй 100 спортсмены онг

Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд æппæтурæсеон турнир практикон æхстытæй. Хуынд æм æрцыдысты Уæрæсейы алы регионтæй 100 спортсмены онг. Се ппæт дæр архайдтой хуыздæры ном райсыныл. Спортсментæ сæххæст кодтой 12 фæлтæрæны. Уæвгæ та ерысты домæнтæ хуымæтæг нæ уыдысты. Турнир куыд рауад, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Мысан акъуырын цыбыр рæстæгмæ. Республикæйы ацыд æппæтуæрæсеон турнир дамбацайæ практикон æхстытæй. Ацы спорты хуызы сæхи хуыздæртæ равдисынмæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 98 спортсмены 21 регионæй. У ахсджиаг турнир, уымæн æмæ йæ хатдзæгтæм гæсгæ архайджытæн фадат уыдзæн Уæрæсейы спорты мастеры ном райсынæн. Хъантемыраты Виктория ныридæгæн у титулы хицау. Спортæй архайын райдыдта 8 азыдзыдæй. Уыцы рæстæгмæ архайдта бирæ ерысты. Ацы турниры Виктория сæвæрдта йæхи рекорд – 18 секундмæ сæххæст кодта хæслæвæрд.

Арæхстджын спортсменты хсæн ис æппæтæй æрыгондæр архайæг. Гусаты Светланæйыл цæуы 14 азы. 4 азы дæргъы арæхстджынæй пайда кæны дамбацайæ. Спортмæ йæ æрбакодта йæ фыд. Профессионалон тренировкæты фæстæ чызг бамбæрста, ацы спорты хуызы бирæ кæй архайдзæн, уый.

Архайджыты хъуыд 12 хæслæвæрды сæххæст кæнын. Фыццаг хатт федтой хъазты пълан, æмæ сын уыдис 3 минуты, цæмæй йемæ базонгæ уой æмæ йæм дамбацайæ бахъавой. Мысанæн йæ бон уыд йæ бынатæй фезмæлын, кæнæ ахауын. Нæ респбуликæ сси Уæрæсейы хуссарварс мысанæхсæн центр. Ацы аз бæстæйы æмбырдты бацархайдзысты Цæгат Ирыстойнаг 4 спортсмены. Уымæй уæлдай ма бынæттон сециалисттæ цæттæ кæнынц мобилизацигонд фæсивæды.

Мысанæхсæн у, дамбацайымæ архайдыл чи ахуыр кæны, уыцы спорты хуыз. Ахæм ерысты руаджы та рабæрæг вæййынц фидæны спортсментæ. Уæлахиздзаутæ сæххæст кодтой спорты мастеры домæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania