18 апреля 2026, 09:33
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд æрыгон адæмы форум «Фæсивæд»-ы финал
Конкурс фыццаг хатт ацыд республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд æрыгон адæмы форум «Фæсивæд»-ы финал. Конкурс фыццаг хатт ацыд республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ. Арæзт уыд дыууæ къæпхæнæй. Æдæппæтæй дзы архайдтой 164 командæйы. Уый та у мин адæймагмæ хæстæг. Финалмæ равзæрстой 15 проекты. Тематикæ уыд алывæрсыг: райдай æнæниздзинадхъахъхъæнынадæй æмæ фæуы кино æмæ патриотон куыстæй. Иу ныхасæй – нырыккон фæсивæдмæ цымыдисаг цы кæсы, ахæм хъуыддæгтæ. Æртæ хуыздæр командæйы райсдзысты грант сæ хъæппæристæ царды рауадзынæн. Куыстытæн аргъ скодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло.




