филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:07 вторник, 07 мая 2024
02 марта 2022, 13:38
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд зымæгон спорты хуызты бон

Уыимæ фыццаг хатт ацыд Цъæйы комы

Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд зымæгон спорты хуызты бон. Уыимæ фыццаг хатт ацыд Цъæйы комы. Раздæр-иу ахæм бæрæгбон арæзт цыди Дзæуджыхъæуы ихын Галуаны. Зымæгон спорты хуызтæ чи уарзы, уыдон сæ арæхстдзинад æвдыстой слаломы, къахдзоныгътыл бырынны æмæ сноуборды. Кæд хуссайраг регионы арæх не мбæлынц, уæддæр сæм бирæтæ здахынц се ргом. Ацы хатт дæр спортивон бæрæгбон æрæмбырд кодта нæ бæстæйы алы регионты минæвæртты. Проект «Олимпаг бæстæ» æххæстгонд цыди Уæрæсейы Олимпаг Комитеты хъæппæрисæй. Анжела Королевайæн Цъæйы ерыстæ уыдысты æнæнхъæлæджы. Æрыгон чызг ардæм æрбацыд йе мбæлттимæ къахдзоныгътыл бырынмæ. Уæвгæ, ахæм турниры бацархайын æй рагæй фæндыди. Æмæ йын ныр ахæм фадат фæци. Сæйрагдæр уæлахиз нæу, фæлæ ерыс. Турниры архайджыты георгафи у хъæздыг. Марина Ванягина ссыди Мæскуыйы облæстæй Одинцовойæ. Цъæйы вæййы алы сезоны дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йын хæхтæ дæттынц уæлæмхасæн тых. Ерысты тыххæй базыдта социалон хызтæй. Уæвгæ, зымæгон спорты хуызтæ сты æнæиз цардыуаг уарзæг адæмы иугæнæг. Трассæ æнцондæртæй нæ уыд, æдæппæтæй 560 метры. Алы архайæджы дæр, уыдон та уыдысты 60 адæймаджы, дистанци хъуыди рæстæгмæ ацæуын. Бирæтæ Цъæйы уыдысты фыццаг хатт. Фæлæ сæ зæрдæ дарынц, ногæй та кæй бабæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны алæмæты хæхтæ. Ацы фæз та суыдзæн традицион, олимпаг бæрæгбæттæ аразынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania