филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:08 среда, 08 мая 2024
02 февраля 2021, 12:53
Цæгат Ирыстоны армхæстæй архайджытæ та сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ

Йæ уæнгтæ сбæрæг сты 30-æм юбилейон республикон чемпионаты

Цæгат Ирыстоны армхæстæй архайджытæ та сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ. Йæ уæнгтæ сбæрæг сты 30-æм юбилейон республикон чемпионаты. Се хсæн сты хъæбысæйхæсты хуызты фæсивæды спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ дæр.

Æртын азæй фылдæр ацы спортивон скъолайы кусгæйæ, сæ абоны уавæртыл цин кæны Уæрæсейы сгуыхт тренер, Спорты сгуыхт мастер Золойты Мæирбег. Ацы хорздзинад сын чи сарæзта, уыдоны къамтæ бæрзонд сæвардтой сæ залы. Уадз æмæ кæстæртæ зоной, сæ абоны фадаттæ сын кæй фæрцы сты, уый.

Мæирбег ацы залы иу æмæ дыууæ чемпионы не схъомыл кодта. Ныртæккæ сын сæ кой кæнгæйæ йæ цæстытæ дзаг сты уæлмонц æнкъарæнтæй. Æмæ хуымæтæджы нæ. Уырны йæ дарддæр дæр ма сын кæй бантысдзæн ног нæмттæ раргом кæнын.

Дзæуджыхъæуы цы республикон ерыстæ ацыд, уым дæр спортивон скъолайы спортсментæ уыдысты хуыздæрты æмрæнхъ. Сæ иу Гуæцæлты Никæ. Никæ ардæм æрбацыд 14 аздзыдæй. 6 азмæ Уæрæсейы бирæ ерыстæй æрбаласта фыццаг быннæтты хæрзиуджытæ.

Алы спортсмен дæр куы æмбара йæ фарсмæ, йæ зæрдæ йыл кæмæн рисы, ахæм тренер, ахæм хистæр лæууы, уæд ын размæ цæуын дæр æнцондæр у, стæй йæ разæнгарддзинадыл дæр, æнæмæнг  æфты.

Золойты Мæирбеджы ныхæстæм гæсгæ, кæд ныртæккæ къуххæстæй архайджыты нымæц афтæ бирæ нæу, уæддæр сæ залы фæархайы иу æртæ сæдæ адæймагмæ хæстæг.

Ныртæккæ та къуххæстæй архайджытæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы ерыстæм. Ацы спортивон залы хъомылгæнинæгтæ дæр та  хъуамæ Орелай сласой ног æнтыстдзинæдты бæрæггæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania