филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:20 вторник, 03 ноября 2026
28 июля 2026, 10:37
Цæгат Ирыстоны артаджы уавæр нывыл кæны

Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты — коммуналон хæдзарады артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур

Цæгат Ирыстоны артаджы уавæр нывыл кæны. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты — коммуналон хæдзарады артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Ацы бонты республикæмæ фæндагыл ис 751 тонны бензин æмæ 374 тонны дизель. Сергей Меняйло бадомдта, артаджы æвæрæтнты тыххæй йын алы къуыри дæр информаци дæттын. Аппатарон æмбырды ныхас цыди Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы информацимæ гæсгæ, уавæр у рæстæмбис. Ведомствæ йæ цæст дары регионы нуазыны доны хæрзхъæддзинадмæ. Сæргълæууæджы хæслæвæрдтæй иу баст уыди фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæнынимæ. Профилон ведомствæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хъармгæнæн сезонмæ республикæ цæттæ у 61%.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania