филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:37 четверг, 02 мая 2024
11 августа 2022, 11:29
Цæгат Ирыстоны ацы аз нысан кæнынц 44 скъолайы бындуронæй сцалцæг кæнын

Уыдонæй 11 скъоладзауты суазæг кæндзысты сентябры

Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ацы аз нысан кæнынц 44 скъолайы бындуронæй сцалцæг кæнын. Уыдонæй 11 скъоладзауты суазæг кæндзысты сентябры. Аст ахуыргæнæндоны та куыстытæ фæуыдзысты 1-æм ноябрьмæ. Æмтгæй райсгæйæ, 2022-2023-æм азты республикæйы нысан кæнынц 66 ахуырадон организацимæ бæстон базилын. Ныхасы бар нæ уацхæссæг Тъехты Элинæйæн.

Цæгат Ирыстоны скъолатæ цалцæг кæнынц федералон программæ «Ахуырады райрæзтæ»-мæ гæсгæ. Дзæуджыхъæуы цыппæрæм гимназ цалцæг кæнын райдыдтой 1-æм майы, фæлæ куыстытæ æмгъуыдæй раздæр кæй цæуынц, уымæ гæсгæ гимназ йæ ахуырдзауты суазæг кæндзæн 1-æм сентябры. Бындурон цалцæг дзы нæ уыд 1965 азæй фæстæмæ. Фæлæ ныр гимназ у ног хъармгæнæн хæтæлтимæ, электрон тыхтæ уадзæн телтимæ æмæ бирæ æндæр ногдзинæдтимæ.

Бындурон цалцæг кæнынц 14-æм скъола дæр. Скодтой дзы ног пъол, баивтой дуæрттæ æмæ хъармгæнæн системæ. Æппæт домæнтæ сты æххæстгонд. Скъолайы ахуыр кæнынц фæкæсынхъуаг бинонтæй æмæ се нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм сывæллæттæ. Уыдонæн сæрмагондæй скодтой санузелтæ. Цæлгæнæны ис 125 бынаты. Ныр сывæллæттæн урочыты фæстæ хæрзад хæринаг хæрын райдзаст бæстыхайы æхсызгондæр уыдзæн. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ дзы сæвæрдтой зынгсирвæзты сигнализацийы нырыккон автоматикон системæ. Æнæнхъæлæджы уавæры системæ дзæнгæрæг ратты пультмæ. Ахæм системæтæ уыдзысты алы скъолайы дæр.

Программæ арæзт у дыууæ хайæ. Иуæй-иу скъолатæ сцалцæг кæндзысты афæдзмæ, иннæтæ – та дыууæ азмæ. Дзæуджыхъæуы 22 скъола сцалцæг кæндзысты дыууæ азмæ. Фыццæгæм сентябры сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсы ног спортивон зал, цæлгæнæн, ног хъæддзаумæ æмæ бирæ æндæр хъæугæ фæрæзтæ.

1978 азæй фæстæмæ скъолайы бындурон цалцæг нæ уыд. Уымæ гæсгæ йе ддаг бакаст дæр у тар. Ныр программæйы руаджы скъоладзаутæн æмæ сæ ныйарджытæн фадат ис дизайн равзарынæн. Скъолайы æнæ цалцæгæй цы хай баззад, уымæн та йæ хъæдын пъол сахордзысты.

Скъолаты цацæггæнæн куыстытæ цæуынц æмгъуыдæй раздæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ иуæй – иу скъолаты кусынц хистæр кълæсты ахуырдзаутæ. Адæмы куыст дæттыны центры руаджы семæ бафыстой бадзырдтæ. Афтæмæй сын фадат фæзынд ногзонындзинæдтæ æмæ фыццаг мызд райсынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania