филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:23 четверг, 02 мая 2024
10 августа 2022, 10:44
Цæгат Ирыстоны ацы аз нысан кæнынц 44 скъолайы бындуронæй сцалцæг кæнын

Уыдонæй 11 скъоладзауты суазæг кæндзысты сентябры

Цæгат Ирыстоны ацы аз нысан кæнынц 44 скъолайы бындуронæй сцалцæг кæнын. Уыдонæй 11 скъоладзауты суазæг кæндзысты сентябры. Аст ахуыргæнæндоны та куыстытæ фæуыдзысты 1-æм ноябрьмæ. Æмтгæй райсгæйæ, 2022-2023-æм азты республикæйы нысан кæнынц 66 ахуырадон организацимæ бæстон базилын. Уыдонæй 25-ы цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой ацы аз, æмæ фæуыдзысты 23-æм азы. Цалдæр скъолайы рæстæгмæ ахуыр кæндзысты дыууæ радæй. Кæмдæрты та ахуырдзауты раивдзысты хæстæгдæр скъолатæм. Уый дæр уыдзæн рæстæгмæ мадзал. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ кабинетты дизайн æвзæрыны архайдтой ныййарджытæ æмæ скъоладзаутæ. Уымæй дарддæр, ахуыргæнджытæ ацæудзысты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн курсытæ, скъолаты библиотекæтæ та сæ фондтæ фæхъæздыгдæр кæндзысты ног ахуыргæнæн чингуытæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania