09 июня 2021, 13:57
Цæгат Ирыстоны ацыдысты ирвæзынгæнæг-кинологты æппæтуæрæсеон æмбырдтæ
Цъæйы сæ профессионалон цæттæдзинадыл æфтыдтой 30 кинологон къорды
Цæгат Ирыстоны ацыдысты ирвæзынгæнæг-кинологты æппæтуæрæсеон æмбырдтæ. Цъæйы сæ профессионалон цæттæдзинадыл æфтыдтой 30 кинологон къорды. Се хсæн Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады минæвæрттæ æмæ ирвæзынгæнджытæ-бархионтæ. Ахуыртæ цыдысты æртæ къæпхæнæй: зæй рацæуыны, дурты рызгъæлды æмæ ламидæтты фæстæ хъыгдардбаййафджыты агурын. Алы фæзылд дæр дзы уыди зын æмæ йын хъуыди бæрнондзинад. Бæлвырд рæстæгмæ хъуамæ сæххæст кодтаиккой сæ хæслæвæрдтæ. Хъыгдардбаййафæджы ссарын хъуыди 20 минутмæ. Æмбырдты архайджытæ иууылдæр нормативтæ сæххæст кодтой, сæхи хуыздæр чи равдыста, уыдон та уагъд æрцыдысты хæхты æмæ хъæдты ирвæзынгæнæн мадзæлттæм.
темæмæ гæсгæ