филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:31 пятница, 17 мая 2024
03 июля 2023, 12:08
Цæгат Ирыстоны бюджет фидæны 3 азмæ  фидар кæныныл ныхас цыд профилон хицауадон къамисы æмбырды

Амыдта йæ Дзанайты Барис

Цæгат Ирыстоны бюджет фидæны 3 азмæ  фидар кæныныл ныхас цыд профилон хицауадон къамисы æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Куыд загъта, афтæмæй сæйраг финансон документ куыд раст арæзт уа, уымæй аразгæ уыдзæн республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзт. Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Исахъты Олег радзырдта, куыд раздæрау, афтæ та, фыццаджыдæр, нысангонд æрцæудзысты социалон блокы хæрдзтæ, мызд фидынæн фæрæзтæ, бынæттон бюджеттæн трансферттæ, республикæ муниципалон æмвæзадмæ цы бартæ радта, уыдон æххæст кæнынæн. Сæйрагдæр къабæзты хыгъды – нацпроекттæм гæсгæ мадзæлттæ царды уадзын. Къамисы уæнгтæ сфидар кодтой, республикон бюджеты проект аразгæйæ цы закъæтты проекттыл, документтыл æмæ æрмæджытыл куыст цæудзæн, уыдон, стæй æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджеты проект, цæттæ кæныны æмæ йæм æркæсыны график. Финансты министрадæн бабар кодтой, ацы хъуыддаг æххæстгæнгæйæ хицауадон æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтимæ алывæрсыг æмархайд кæнын, стæй график афоныл æххæст кæныны мониторинг аразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania