филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:38 суббота, 04 мая 2024
15 марта 2024, 12:09
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы ахуырады рæзтыл куыст

Зæгъæм, гом кæнынц центр «Точка Роста»-йы кабинеттæ

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы ахуырады рæзтыл куыст. Зæгъæм, гом кæнынц центр «Точка Роста»-йы кабинеттæ. Архайынц дзы республикæйы хъæуты скъоладзаутæ дæр. Центртæ ифтонг сты нырыккон æмæ цымыдисаг æрмæгæй. Сæ алкæцы дæр дзы пайда у сывæллоны зондахаст фылдæр кæнынæн. Цы хуызы æмæ куыд, уый та Сосранты Жаннæ федта Æрæфы районы Цыколайы фыццæгæм скъолайы.

Цыколайы фыццæгæм скъолайы ахуырдзаутæ цин кæнынц  се нтыстдзидтыл. «Точка Роста» -йы фæзындимæ, сæ гæнæнтæ æмæ зонындзинæдтæ фæфылдæр сты. Цы фондз азы кусы ахуыргæнæндоны, уæдæй сывæллæттæ бирæ нырыккон хъуыддæгтæ аразыныл сахуыр сты. Уыимæ  сæ ныфс хæссынц Уæрæсейы, республикæйы æмвæзады ерысты сæхи фæлварынмæ. «Точка Роста»-йы ахуырдзаутæ фыццаг бынæттæ райсынц алы хуызы ерысты. Хъиргъуыты Дзерассæ «Точка Роста»-йы кæд афæдзæй фылдæр нæй, уæддæр ын бантыст æппæтуæрæсеон ерысты 83 регионы хсæн фыццаг бынат райсын. Бавæрæн Planetary-йы Дзерассæ сарæзта музыкалон скъолайы 3d-дизайн- гитарæйы хуызы.  Дыккаг бынат та райстой компьютерон дизайны ерысты  Воронежы

Сывæллон куы æнкъара ахуыргæнæг йемæ зæрдиагæй кæй кусы, уый, уæд æм цымыдисдзинад æвзæрын кæны ам архайын. Цыколайы «Точка Роста»-йы сæргълæууæг Фейзулаты  Светланæ сабиты разæнгард кæны фылдæр хъуыддæгтæ къухы бафтыйынмæ. Сæхы сын æвзарын кæны æппæт хъуыддæгты дæр. Уыдон та дзы сты дзæвгар- шахмæттæ, медиа кълас, робототехникæ, 3D принтерæй архайын.

Ацы ногдзинадыл та уæлдай цин бакодтон. Скъолайы агъоммæ сывæллæттæ ардæм æрбацæугæйæ сæхи банкъарынц диссæгты бæстæйы.Тынг фенхъæлмæ кæсынц ардæм æрбацæуыны бонмæ, зæгъы Цыколайы рæвдауæндон «Солнышко» -йы хъомылгæнæг Медойты Иринæ.

Куыд алы хъуыддаджы, афтæ ам дæр йæ райдайæн куыд зын уыд, йæ дарддæры архайд та уыйбæрц æхцондзинад хæссы куыд ахуырдзаутæн, афтæ ахуыргæнджытæн дæр.

«Точка Роста»-йы кабинетты ма сæ уроктæ фæцымыдиссагдæр кæнæн ис иннæ предметты ахуыргæнджытæн дæр, æмæ дзы ам  пайда кæнынц.

Республикæйы районты хъæуты «Точка Роста»-йы кабинеттæ кæй фæзынд, уый стыр къахдзæф у фидæны кæстæрты  зондахаст фылдæр кæнынмæ. Уымæн æвдисæнтæ  ныр дæр фенæн ис, фæлæ куыд фæзæгъынц – куыд дарддæр афтæ та фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania