филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:59 вторник, 30 апреля 2024
17 апреля 2024, 19:55
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы дондзæуæн системæйы рацарæзт

Уымæй уæлдай, специалисттæ кусынц Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæнты фарстайыл

Ног хæтæлтæ балæггад кæндзысты 100 азы онг. Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы дондзæуæн системæйы рацарæзт. Уымæй уæлдай, специалисттæ кусынц Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæнты фарстайыл. Ивгъуыд азы фæлварæн программæйы фæлгæты республикæйы аивтой 402 километры хæтæлтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Василий Кочергины бинонты ис 6 сывæллоны. Бирæ азты, куыд Беслæны бирæ æндæр цæрджытæ, ацы бинонтæ дæр, нуазыны донимæ æййафынц стыр зындзинæдтæ. Дондзæуæн хызтæ 60 азмæ бынтондæр заууатмæ æрцыдысты. Ныр уавæр сраст ис.

2022-æм азы Цæгат Кавказы федералон зылды æртæ регионы, уыдоны хсæн Цæгат Ирыстон дæр царды рацыди цæрæнуæтты-коммуналон хадзарады рæзты фæлварæн программæ. Йæ фæлгæты республикæйы бавнæлдтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады бирæ объекттæ баиу кæнынмæ.

Дондзæуæн системæйы рацарæзт сси фæлварæн программæйы иу къæпхæн. 2022-æм азы Беслæны райдыдтой доны хæтæлтæ, къæвдаты дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы бынæттæ æмæ канализацитæ реконструкци кæнын. Ног полипропиленæй конд хæтæлтæ, хъуамæ балæггад кæной 100 азы, уымæй зæрдæ вæрынц, чи сæ уадзы, уыцы куыстуаты.

Куыстытæ активонæй цæуынц æппæт республикæйы. Дондзæуæн системæ ивд цæуы Алагиры æмæ йæ алыварс хъæуты дæр, ивынц дзы 150 км хæтæлтæ. Мартъийы астæу райдыдта Дигорайы дондзæуæнты рацарæзт дæр. Зæронд куыста 60-йæм азты, уымæ гæсгæ домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой. Æрвылбон фæллой кæнынц 25 бригады, 100 иуæджы техникæ æмæ 170 адæймаджы. Куыстытæ нысангонд сты афæдзы æмгъуыдмæ, уымæ гæсгæ, хъуамæ кæронмæ фæуой ног азы агъоммæ. Ног дзондзæуæнтæ уагъд æрцæудзысты Алагиры районы хæххон хъæутæ Бурон, Уынал æмæ Уæллаг Зджыдмæ дæр.

Дзæуджыхъæуы бындуронæй рацарæзтой канализацион хызтæ. Ног коллектор фæзынд Терчы былгæрон æмæ аххæссыд æппæт горæтыл. Ахæм хуызы къухы бафтыд хауæддзæгтæй Хъаспийы денджызы сæйраг артери бахизын. Иннæ лыггæнинаг фарста сыгъдæггæнæнты уавæр. Хъæуы сæм æвæстиатæй æркæсын.

2023-æм азы республикæйы уагъд æрцыди 402 км хæтæлтæ. Куыстытæ цæуынц дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania