филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:28 пятница, 19 июня 2026
16 апреля 2026, 10:34
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц хицаудзинады оргæнты разамонджытæн семинартæ

Проект царды уадзынц, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисмæ гæсгæ

Проект «Разамынддæттæг практикæтæ» æххæст кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц хицаудзинады оргæнты разамонджытæн семинартæ. Проект царды уадзынц, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисмæ гæсгæ. Бæстон цæстдард æм цæуы республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимы рдыгæй. Ацы хатт ахуырадон семинар бацæттæ кодта арæзтады æмæ архитектурæйы министрад. Архайджытæн арфæтæ ракодта Сæргълæууæджы æмæ Администрацийы разамонæджы хæдивæг Биасты Игорь. Сæйраг доклад скодта арæзтады æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат. Семинары архайджытæн ма бацæттæ кодтой тематикон хъазт «Бæллицты горæт». Йæ мидис уыд 3D-конструкторты фæрцы бæстыхай саразын. Хъазты фæткмæ гæсгæ та бæстыхайы алыварс сарæзтой æмбæлгæ инфраструктурæ æмæ бакуыстой цъæх фæлыстыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania