филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 воскресенье, 28 апреля 2024
20 сентября 2021, 11:45
Цæгат Ирыстоны депутаттæ равзæрстой Сергей Меняйлойы нæ регионы Сæргълæууæджы бынатмæ

Йæ фарс рахæцыдысты 57 депутаты – уый та уыд сæ фылдæр хай

Цæгат Ирыстоны депутаттæ равзæрстой Сергей Меняйлойы нæ регионы Сæргълæууæджы бынатмæ. Уыцы бæрнон хæстæ æххæст кодта ацы азы апрелæй фæстæмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны регионы разамонæджы комкоммæ не взарынц. Процедурæ баивтой, æмæ афтæмæй республикæйы разамонæджы равзарынц регионалон парламенты депутаттæ. Уыимæ Уæрæсейы Президент цы кандидатурæтæ бадæтты, уыдонæй.

Афтæ Сергей Меняйло райдыдта йæ ныхас регионы разамонæджы бынаты. Йæ фарс рахæцыдысты 57 депутаты – уый та уыд сæ фылдæр хай. Иннæ кандидаттæй та: Елдзарты Медея райста 9 хъæлæсы, Баликъоты Валерий та 2. Парламентаритæ сæ фæндон равдыстой сусæг хъæлæс кæныны фæрцы. Фæстæдæр ног æвзæрст сæргълæууæг ард бахордта уырыссаг æмæ ирон æвзагыл.

5 мæймæ Сергей Меняйло республикæйы разамонæджы хæстæ æххæст кæнгæйæ хорз базыдта нæ регионы риссагдæр фарстатæ. Æмæ куыд загъта, афтæмæй сæйрагдæр хæс у – паддзахадон разамынды хæрзхъæд системæйыл дарддæр кусын. Уымæй аразгæ сты республикæйы цæрджыты бартæ. Уыимæ зæрдæ дарæн ис æххæстгæнæн хицаудзинады федералон оргæнтимæ æнгом æмгуыстадыл. Сергей Меняйлойæн раарфæ кæнынмæ рбацыд Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка.

Æппынæдзухдæр хъæуы дыууæвæрсыг куыст кæнын. Хицауад хъуамæ хорз æмбара æхсæнады зындзинæдтæ æмæ лыггæинаг фарстатæ. Æрмæст афтæмæй ис адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын. Ныртæккæ нæ республикæйы социалон-экономикон уавæр æнцон не схондзынæ, загъта Сергей Меняйло. Иуæй – пандемия нæ дæтты æппæт хъарутæй размæ цæуын. Фæлæ нын хорз ахъаз сты федералон программæтæ æмæ национ проекттæ.

Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ абон нæ республикæйы ис 36 егъау æмæ рæстæмбис куыстуаты. Нæуæдзæм азты та уыдысты 155. Промышленнон кондад у 7% къаддæр. Куыстуæттæ архайынц зæронд кусæнгæрзтæй. Фæлæ уый нæ хынцгæйæ ис промышленнон хъомысы рæзтыл кусын. Уый тыххæй та хъæуы куыстуæтты модернизаци æмæ техникон рацарæзт. Стыр æргом аздæхтой социалон фарстатæм дæр. Ахуырад æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынад хъуамæ æппынæдзухдæр уой ахсджиагдæр хъуыддæгты хсæн. Бæлвырддæр та хæрзхъæд ахуырад, стæй медицинон æххуыс æмæ лæггад хъуамæ исой æппæт рынчынтæ дæр.

Рох кæнын нæ хъæуы амалхъомдзинады, туристон кластеры рæзт æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ дæр. Уый тыххæй та хъæуы, фæстаг 5 мæймæ цы проекттыл кусын райдыдтам, уыдон дарддæр æххæст кæнын, загъта Сергей Меняйло. Хицæнæй æрлæууыд ног микрорайонтæ аразыныл. Иу пълан дæр æнæ сывæллæтты рæвдауæндонæй æмæ скъолайæ фидаргонд не рцæудзæн. Ныридæгæн арæзт чи рцыд, уыцы уагдæттæ дæр æнæ цæстдардæй хъуамæ ма баззайой. Афтæ ахуырады рацарæзты программæмæ хаст æрцыд 146 скъолайы цалцæг. Ахуыргæнæндæттæ сног кæнынмæ хъавынц 2026-æм азы онг. Ууыл схардз кæндзысты 9 миллиард сомы. Хицæн ныхасы аккаг у аграрон сектор. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны активонæй парахат кæнынц дыргъдæттæ, кæсагдарæн куыстуæттæ. Специалисттæ пайда кæнынц нырыккон аграрон технологитæй. Æмæ уыцы куыст цæудзæн дарддæр дæр – фидарæй загъта Сергей Меняйло.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania