филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:51 среда, 01 мая 2024
29 февраля 2024, 14:27
Цæгат Ирыстоны дондзæуæн системæйы рацарæзтыл ныхас цыди, Дзанайты Барис разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ, нæ республикæ Уæрæсейы сси, проект фæлварæны хуызы чи æххæст кæны, уыцы æртæ регионæй иу

Энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады куыстуæтты экономикон райрæзты регионалон программæйы фæлгæты Цæгат Ирыстоны дондзæуæн системæйы рацарæзтыл ныхас цыди, Дзанайты Барис разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ, нæ республикæ Уæрæсейы сси, проект фæлварæны хуызы чи æххæст кæны, уыцы æртæ регионæй иу. Куыст цæуы Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины хæслæвæрдмæ гæсгæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон фарон федералон хицауады резервон фондæй райста 360 милуан сомæн субсиди. Уый фæрцы, нуазыны доны тарифæн ныр фидын хъæуы экономикон домæнтæм гæсгæ. Фæрæзтæ хардзгонд æрцыдысты тарифты хсæн хицæндзинады компенсацийæн. Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд загъта, афтæмæй куыстуатмæ баиу кæндзысты Кировы, Æрыдоны, Дыгуры районты дондзæуæн системæтæ, Беслæны æмæ Хуымæллæджы, стæй Мæздæджы станицæ Луковскæйы æмæ Хъызлары дондзæуæн хызтæ. Хæстæгдæр рæстæг ма фенгомдæр уыдзысты Алагиры районы æппæт дондзæуæн хызтæ дæр. Дзанайты Барис бахæс кодта, куыстыты процесс фæтагъддæр кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма хъæуы бирæ фарстатыл бакусын, адæмы царды хæрзхъæддзинады æмвæзад фæуæлдæр кæныны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania