03 ноября 2021, 11:37
Цæгат Ирыстоны дыууæ проекты райстой гранттæ
Сæ иумæйаг аргъ у 500 мин сомы
Цæгат Ирыстоны дыууæ проекты райстой гранттæ. Сæ иумæйаг аргъ у 500 мин сомы. Дыууæ проекты дæр сты Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук-2021»-ы æртыккаг фæлтæры архайджытæ. Сæ иу бацæттæ кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты физикон-техникон факультеты рауагъдон Хохты Зæринæ. Йе сфæлдыстадон æрмадзы Беслæны æвзонг курдиæтты лæвар ахуыр кæндзысты национ кæлмæрзæнтæ кæныныл. Культурон-рухстауæн проект «NARTY» æххæст кæнгæйæ та нысан кæнынц Нарты кадджыты бындурыл комикстæ аразын. Проекты автор у Цæгат Кавказы федералон университеты экономикон факультеты студенткæ Кодалаты Дианæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ афтæмæй нæ республикæйы фæсивæд зæрдиагдæрæй иртасдзæн æмæ кад кæндзæн ирон адæмы культурæйæн.
темæмæ гæсгæ