филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:21 суббота, 04 мая 2024
13 сентября 2022, 10:14
Цæгат Ирыстоны фæдзæхстбынатыл æххæст кæны 55 азы

Уыцы рæстæгмæ йæ специалисттæ бакуыстой цалдæр экологон къахвæндагыл, фæфылдæр кодтой леопардты нымæц, сног кодтой зубрты хуыз

Цæгат Ирыстоны фæдзæхстбынатыл æххæст кæны 55 азы. Уыцы рæстæгмæ йæ специалисттæ бакуыстой цалдæр экологон къахвæндагыл, фæфылдæр кодтой леопардты нымæц, сног кодтой зубрты хуыз. Республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн сарæзтой, æрдзыл бандзæвыны уавæртæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ныр 50 азы ацы бынæттæ сæрмагондæй хъахъхъæнынц. Туристтæн радих кодтой цалдæр къахвæндаджы. Иннæ территорийыл архайынц  æрдз æнæвдæлдæй бахъахъхъæныныл. Хъæриу-хохы хурныгуылæн фахсы – 5 километры бæрц фæндаг. Ам ис базонгæ уæвын, Цæгат Ирыстоны фæдзæхстбынаты Сырх чиныгмæ хаст флорæ æмæ фаунæимæ. Мониторингы системæ æмæ æмбал кæмæн нæй, ахæм тугдзых сырды фæстæ цæуыны программæ. Леопардтæ кæд æрдзы уæгъд сты, уæддæр сæм адæймаг цæст дары. Ай та у фыццаг фæд. GPS-ы фæрцы æвдыст цæуы æрмæст сырды локаци нæ, фæлæ ма йе змæлд дæр. Зæгъæм, базонæн ис, леопард йæ фæллад уадзы æви цуан кæны, уый.

Ныртæккæ сырдтæ ахуыр кæнынц æрмæст Цæгат Ирыстоны территорийыл нæ. Зæгъæм, «Волна» æмæ «Агуындæ» уал  сты Кæсæг-Балхъары. Фæлæ арæх æрыздæхынц сæхимæ. Зонынц цуан кæнын æмæ сæхи хъахъхъæнынц адæмæй.

Цæгат Ирыстоны фæдзæхстбынат у стæм зайæгойты æмæ сырдты æнæхъæн дуне. Экологон къахвæндæгтæ аразыны хъуыддаджы ахадгæ спонсорон æххуыс  кæны РусГидро.Скодтой маршруттæ Цъæйы цъитимæ. Фæдзæхстбынаты директор Дзалаты Оледжы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы экотуризм парахатдæр кæны. Фылдæр адæм æвзарынц æцæг балцытæ.

Фæдзæхстбынаты уавæртæ æмæ бынæттон климат зæрдæмæдзæугæ сты æрмæст леопардтæн нæ. Ам цæрынц зубртæ дæр. Сты 117. Ацы хуыз сног кодтой. Хъахъхъæд æрцыд æрмæст ахстуат уавæрты.

Фæдзæхстбынаты сæйраг цæрджытæ – дзæбидыртæ. Сты минæй фылдæр. Ам ма ис кавказаг сычъитæ, сагтæ, европæйаг сæгуыттæ, æмæ сырх чиныгмæ хаст мæргътæ дæр.

Ацы аз Цæгат Ирыстоны фæдзæхстбынатæн у юбилейон. Æххæст ыл кæны 55 азы. Уыцы рæстæгмæ йæ кусджытæн бирæ бантыст. Фæлæ фæдзæхстбынаты куыд зæгъынц, афтæмæй сырдты æмæ мæргъты бахъомыл кæнын æмæ æрдзмæ рауадзын фаг нæу. Сæйраг у, бахъахъхъæнын сæ, æмæ сæ нымæц фæфылдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania