филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:22 воскресенье, 19 мая 2024
07 мая 2024, 15:54
Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл 106 уæзласæн машинæйы  сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц Уæллаг Ларсы арæнты сæрты ахизынмæ

Къуыримæ арæнты сæрты дыууæ рдæм дæр ахызти 14 мин машинæйы æмæ 34 мин адæймаджы

Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл 106 уæзласæн машинæйы  сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц Уæллаг Ларсы арæнты сæрты ахизынмæ. Къуыримæ арæнты сæрты дыууæ рдæм дæр ахызти 14 мин машинæйы æмæ 34 мин адæймаджы. Республикæйы Сæргълæууæг æрвылкъуырион аппаратон æмбырды транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитетæн бахæс кодта, цæмæй бакусой æхсæнадон транспорты æнæрлæугæ куыстыл, æмæ бæрæгбæтты рæстæг къуылымпыдзинæдтæ ма руадзыныл.

Солиты Тариэль Сергей Меняйлойæн фехъусын кодта, «Беслæн-Дзæуджыхъæуы» маршрутыл транспорты дыууæ иуæджы кæй нæ фаг кæны, уый. Фарста хъуамæ лыггонд æрцæуа цыбыр æмгъуыдмæ. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæр у рæстæмбис. Рабæрæг коронавирусæй 2 рынчыны. Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ихæй тæссаг сезоны стыр æргом аздахын хъæуы республикæйы ихы ныхмæ службæйы куыстмæ. Хæстæгдæр рæстæг æлхæд æрцæудзæни 4 сæдæ ракетæйы, сæ иумæйаг аргъ 13 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania