филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 пятница, 17 мая 2024
26 июля 2023, 11:46
Цæгат Ирыстоны фæцис Уæрæсейы чемпионат боксæй, 13-14 азы кæуыл цæуы, уыцы спортсменты хсæн

Архайдта дзы 300 спортсменæй фылдæр нæ бæстæйы 69 субъектæй

Цæгат Ирыстоны фæцис Уæрæсейы чемпионат боксæй, 13-14 азы кæуыл цæуы, уыцы спортсменты хсæн. Архайдта дзы 300 спортсменæй фылдæр нæ бæстæйы 69 субъектæй. Ерыс кодтой 16 уæзы категорийы. Цæгат Ирыстонæй турниры уыд 20 боксеры. Цыппарæй рацыдысты финалмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæ.

Ерысты æвзонг архайæг Дзугаты Сослан спортмæ æрæджы æрбацыд. Боксæй архайы 2 азы æмæ рдæг. Уыцы рæстæгмæ сси республикон турниры уæлахиздзау æмæ Цæгат Кавказы чемпионаты призер. Ацы æппæтуæрæсеон ерыстæ Сосланæн сты фыццаг. Рамбылдта бронзæ майдан, æрдæгфиналы фæхæрд йæ ныхмæлæууæгæн Краснодарæй. Кæд уæлахизмæ æрмæст иу къахдзæф уыд, уæддæр лæппу йæ къухтæ не руагъта. Разæй ма бирæ турниртæ уыдзæн.

Сосланы тренер Цæгæраты Владимир турнирмæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ стыр æргом здæхта. Æрвылбон 2 тренировкæйы, æмæ афтæ 3 къуырийы дæргъы. Йæ иу хъомылгæнинаг ма Хъараты Астемыр рацыд финалмæ. Владимир куыд зæгъы, афтæмæй сæрыстыр у йæ ахуыргæнинæгтæй.

Ерысты кадджын уазджытæ – профессионалон боксер Гасситы Мурат, Уæрæсейы сгуыхт тренер Сланты Виталий, спортсменты уæрæсейаг цæдисы президент Давид Мусульбес æмæ Уæрæсейы боксы федерацийы минæвæрттæ.

Æдæппæтæй турниры архайдта 300 спортсменæй фылдæр бæстæйы 69 субъектæй, уыдоны хыгъды Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæй, стæй Запорожьейы облæстæй боксертæ дæр. Ерыс кодтой 46-æй – 90 килограммы онг уæзы категориты. Цæгат Ирыстонæй турниры уыд 20 спортсмены. Цыппарæй рацыдысты финалмæ.

Уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кодтой кубоктæй, майдантæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Турнир ма сын радта, спорты мастертæм кандидатты разряд райсыны, стæй  бæстæйы иугонд командæмæ бахауыны фадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania