Ахæм хæс аппаратон æмбырды радта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйл
Цæгат Ирыстоны фæзындзæн æфсæддон цауты ветеранты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты фарстаты фæдыл æххæстгæнæн хицаудзинады оргæн. Ахæм хæс аппаратон æмбырды радта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй йæ хыгъдмæ хаст æрцæудзысты ветерантæ сæхæдæг. Боныхъæд кæй раив-баив кæны, уый тыххæй регионы сæргълæууæг муниципалитеттæн бахæс кодта, донивылдтытæй бахъахъхъæныны куыст фæкарздæр кæнын. Уымæй уæлдай, æнæнхъæлæджы цауты министрады аэромобилон къорд цæттæ у, бахъуаджы рæстæг Дагестанмæ ацæуынмæ. «Уæллаг Ларс»-ы æппæтадæмон пункты сæрты ахизынмæ рады лæууынц 2 мин машинæйæ фылдæр. Ивгъуыд къуыримæ республикæйы фæндæгтыл æрцыди 69 фæндаггон фыдбылызы. Республикæ цæттæ кæны скъоладзауты æппæтадæмон олимпиадæмæ. Æппæт бæстæйæ Цæгат Ирыстоны æрæмбырд уыдзæн 600 архайæгæй фылдæр. Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта, куадзæны рæстæг æдасдзинады домæнтыл бæстонæй бакусын.




