09 июля 2021, 12:20
Цæгат Ирыстоны финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд Исахъты Олег
Уый фæдыл уынаффæ бафыста республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло
Цæгат Ирыстоны финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд Исахъты Олег. Уый фæдыл уынаффæ бафыста республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Сæ кусæг фембæлды æрныхас кодтой ахсджиаг фарстатыл. Регионы разамонæг бæрнон кусæгæн бабар кодта бæстондæр кæсын бюджетон хæрдзтæм. Стыр æргом аздæхтой сæйраг финансон документмæ 2023-æм азмæ. Сергей Меняйло ма бабар кодта бюджеты æфтиæгты хай рагагъоммæ снысан кæнын. Исахъты Олег куыд бафиппайдта, афтæмæй цæттæ у йæ куысты уæлхъус æрлæууынмæ, æмæ республикæйы дарддæры социалон-экономкион рæзтыл зæрдиагæй кусынмæ.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ