филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 понедельник, 20 мая 2024
31 марта 2021, 13:46
Цæгат Ирыстоны фылдæр кæнынц теннисы архайын фæнды, уыцы адæм

Теннисы корттæ бацæудзысты Терчыбылгæрон фæлладуадзæн бынаты проектмæ

Кæд фæстаг хъазты фæхæрд, уæддæр бацыд историмæ. Не мзæххон теннисист, 27-аздзыд Хъарацаты Асланы ном айхъуысти æнæхъæн дунейыл. Фыццаг хатт ын бантыст сæйраг турнир «Большой шлем»-мæ бахауын. Йæ райгуырæн республикæйы спортсмены уарзынц, æмæ йын кæнынц уæлдай кад. Бирæты та бафæндыд Асланы бафæзмын, æмæ се ргом аздæхтой теннисмæ. Фæлæ йын Цæгат Ирыстоны уавæртæ ис, æви нæй, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдсытадон къорд, æмæ бæлвырддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Дзускаты Алинæ теннисы ракеткæ йæ къухмæ фыццаг хатт райста, æхсæз азы йыл куы цыдис, уæд. Уæдæй фæстæмæ бæллы корты йæхи равдисынмæ. Иуæндæс азы дæргъы æрвылбон тренировкæтæ нæ фæдзæгъæл сты — Алинæйы уæлахизтæн алы чемпионатты банымайæн дæр нæй.

Плиты Алыксандр теннисмæ æрбацыд фондз аздзыдæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ уæлахизтæм разæнгард кæны не мзæххон Хъæрæцаты Асланы цардвæндаг.

Спортивон скъола Асгарды куыд бафиппайдтой, афтæмæй фæстаг рæстæг сырæзт, теннисмæ æмхиц кæнын кæй фæнды, уыцы фæсивæды нымæц.

Теннисмæ ам æмхиц кæнæн ис куыд лæвар, афтæ коммерцион уагæй дæр. Лæвар ахуыртæ аразынц æрыгон æмæ курдиатджын спортсментæн, иннæтæн та бар ис тренертæн æхца бафидынæн. Милдзыхты Анварбег ардæм цæуы йæ уды дзæбæхæн.

Фæлæ лæвар спортивон фæзты нымæц нæ горæты азæй азмæ къаддæр кæны — хъаст кæны Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты профессор Æлкацаты Владимир. Теннисæн радта йæ царды фæндзай азы. Хурбонтæ куы вæййы, уæд куысты размæ æмæ куысты фæстæ йæ фæндаг акæны корты уылты. Ныртæккæ та хъыг кæны, ног фæлладуадзæн бынæтты проектмæ теннисы фæзтæ кæй нæ бахастой, ууыл. Чи дзы уыдис, уыдоны та рацарæзты рæстæг фехæлдтой æмæ сæ бæсты сарæзтой дурæй æвæрд фæндæгтæ. Теннис чи уарзы, уыдонæн та ма баззад æрмæстдæр иунæг корт. Куы фæхъарм вæййы, уæд дзы æрæмбырд вæййынц спортуарзджытæ.

Парчы цы иунæг теннисæйхъазæн фæз ис, уый рагæй домы рацарæзт.

Дзæуджыхъæуы аивдзинад æмæ цъæх фæлысты управленийы теннисуарджытæн зæрдæ бавæрдтой. Кæд æмæ республикæйы теннисы Федераци бынæттон администрацимæ ног фæзты арæзтады тыххæй официалон уагæй нæ бахатыд, уæддæр сæ æнæмæнгæй сараздзысты. Теннисы корттæ бацæудзысты Терчыбылгæрон фæлладуадзæн бынаты проектмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania