филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:15 среда, 01 мая 2024
27 февраля 2024, 14:49
Цæгат Ирыстоны гриппæй рынчынты нымæц фæкъаддæр 16%

Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ

Цæгат Ирыстоны гриппæй рынчынты нымæц фæкъаддæр 16%. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ. Уымæй уæлдай, ведомствæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, афæдзы райдианæй нырмæ сбæрæг кодтой фадынæгæй 84 рынчыны. Æмбырды ныхас цыди иумæйаг паддзахадон фæлварæнтыл дæр. Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн æнтыстджынæй кусынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæ кæныны 13 лæвар центры. Сергей Меняйло бæхаста фæндон, ахæм центртæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты бындурыл дæр байгом кæнын. Сæргълæууæг цы хæстæ радта, уыдонæй сæ иу баст уыди рауагъдад «Ир» – имæ. Сæйрагдæр фарста раздæрау у Цомартаты Аннæйы агуырыны хъуыддаг. Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, агурæн мадзæлтты архайы 77 адæймаджы æмæ техникæйы 17 иуæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania