12 апреля 2022, 12:56
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты арæзт æрцыд Гутъынаты Феликсы номарæн изæр
Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 70 азы
Сæйрагдæр – хъуыды кæнын æмæ зæрдыл дарын. Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты арæзт æрцыд Гутъынаты Феликсы номарæн изæр. Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 70 азы. Йе мкусджытæ, æмбæлттæ æмæ хæстæджытæ дзырдтой зындгонд Кавказ иртасæджы тыххæй мысинæгтæ. Профессор Цыбырты Людвиг радзырдта стыр ахуыргонды æнтыстдзинæдты тыххæй. Гутъынаты Феликс куыста скифты æмæ аланты истори иртасыныл. Йæ монографитæ зындгонд сты наукон æхсæнады, стæй хуымæтæг адæмы хсæн дæр. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм йæ фæллæйттæ: «Средневековая Осетия», «Ранние аланы», «Осетинские фамилии». Уæвæг та Феликс у 200 наукон куыстæй фылдæры автор. Йæ цард сбаста йæ райгуырæн зæххы истори иртасынимæ.