филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 понедельник, 06 мая 2024
21 марта 2024, 10:57
Цæгат Ирыстоны хъæдты фæзуат фæуæрæхдæр 146 гектары

Ууыл дзырдтой æрдз хъахъхъæныны фарстаты фæдыл æмбырды

Федералон программæ «Бахъахъхъæнæм хъæд»-ы фæрцы фарон Цæгат Ирыстоны хъæдты фæзуат фæуæрæхдæр 146 гектары. Ууыл дзырдтой æрдз хъахъхъæныны фарстаты фæдыл æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Ныхас дзы цыди регионы экологон æдасдзинады фарстатыл, стæй национ проект «Экологи» æххæст кæныны мадзæлттыл. Æмбырды архайджытæ бæстонæй æрдзырдтой паддзахадон куыстуæттæ «Аланиялес» æмæ «Беркут»-ы архайдыл. Уыдоны дзуапп дæттынц хъæдты зынгсирвæзтытæ ма руадзыныл, цуан кæнæн цы бынæтты ис, уыдоны æдасдзинадыл, сырх чиныгмæ хаст чи рцыди, уыцы цæрæгойты æдасдзинадыл, стæй раззагазиаг леопардты æмæ кавказаг зубры популяци рапарахат кæныныл. «Бекрут»-ы размæ вæрд хæстæй ма иу у – браконьерты ныхмæ тох кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania