филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:48 понедельник, 06 мая 2024
19 июля 2019, 17:00
Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæйы разамындæй арæзт æрцыд, сидзæр сывæллæттæн æмæ æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны

Уыдонæн цæрæнуæттæ дæттыны хицауадон къамисы радон æмбырд.

Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæйы разамындæй арæзт æрцыд, сидзæр сывæллæттæн æмæ æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, уыдонæн цæрæнуæттæ дæттыны хицауадон къамисы радон æмбырд.
Ацы ахсджиаг фарстайыл æрныхас кодтой Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, исбон æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан, арæзтады æмæ архитектурæйы министр Касаты Таймураз, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады минæвæрттæ. Азымты Иринæ се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, ацы аз кæй нысан кæнынц сидзæр сывæллæттæн 66 фатеры райсын. Нырæй фæстæмæ ацы организацион фарстатæн дзуапп дæтдзæн нæ Республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министрад. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй сидзæр сывæллæтимæ бакусытой рагацау. Фæлæ специалисттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй кæцыдæр муниципалон районты фадат нæ уыдзæн æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ фатертæ райсынæн. 31 фатеры райсдзысты Дзæуджыхъæуы, 20 – Мæздæджы районы, 9 – Разихфарсы, 4 – Æрыдоны, æмæ 2 – Дыгуры районы. Алагиры районы сидзæртæн та, сæ фæндонмæ гæсгæ бар ратдзысты нæ горæты фатер райсынæн. Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ бабар кодта, цæмæй курдиæттæ иууылдæр æххæстгонд æрцæуой 1-æгæм августмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania