филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:28 четверг, 02 мая 2024
27 января 2021, 12:52
Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ архайдтой сæрмагонд ахуырты

Сæ хæс уыди, зæй рацæуыны рæстæг адæм сæхи раст куыд хъуамæ дарой, уый бафæлварын

Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ архайдтой сæрмагонд ахуырты. Сæ хæс уыди, зæй рацæуыны рæстæг адæм сæхи раст куыд хъуамæ дарой, уый бафæлварын. Ахуыртæ цыдысты Транскамы. Архайдта дзы 10 адæймаджы æмæ техникæйы 4 иуæджы. Ахуырты рæстæг Æнæнхъæлæджы цауты министрады агурæг-сгарæг къорды уæнгтæ бакуыстой алы уавæрты. Фæлæ сæйрагдæр уыди зæйы рацыды рæстæг адæмы ирвæзын кæнынмæ сарæхсын. Цæгат Ирыстоны зæйтæй тæссаг вæййы ноябрæй майы онг. Абон дæр республикæйы хæххон районты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады специалисттæ сидынц адæммæ, цæмæй æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ. Боныхъæд куы нæ амона, уæд хæхтæм цæуыны фæнд кæнæн нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania