филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:37 вторник, 07 мая 2024
10 марта 2022, 13:31
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ армрестлингæй бацахста фыццаг бынат Уæрæсейы ерысты

Фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ арæзт æрцыдысты горæт Орелы

Цæгат Ирыстоны иугонд командæ армрестлингæй бацахста фыццаг бынат Уæрæсейы ерысты. Фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ арæзт æрцыдысты горæт Орелы. Уæлахизыл архайдтой нæ бæстæйы 44 регионы минæвæрттæ. Се хсæн чызджытæ дæр. Ерыс цыди 3 кары категорийы – 14 азæй æмæ 21 азы онг. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ахæм ерыстæ Орелы арæзт æрцыдысты дыккаг аз фæд-фæдыл. Уæрæсейаг турниры хатдзæгтæм гæсгæ хуыздæр спортсментæн фадат уыдзæн европæйаг æмæ дунеон турнирты архайынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania